Хуссар Ирыстоны, гӕнӕн ис, фӕзындзӕн бӕхылбадджыты скъола 🔻Ацы бӕллиццаг фӕндыл ныхас кодтой Хуссар Ирыстоны разамонӕг ӕмӕ зындгонд каскадер ӕмӕ бӕхылбадӕг Уртаты Эльбрус. Эльбрус бирӕ азты цӕры Хуссар Африкӕйы, ис ын йӕхи бӕхылбадӕг каскадерты компани. Кусы европӕйаг ӕмӕ болливудаг кинонывты проектты. Зӕгъӕм, йӕ бӕхтӕ ӕмӕ барджытӕ архайдтой кинонывтӕ «Черные паруса», «Троя», «Царь скорпионов», «Копи царя Соломона», «От заката до рассвета», «Викинги», «Тигр 3», «Воды слонам», «В дикой стране», «Лабиринт» ӕмӕ ӕндӕрты. ➡️ Хъамболты Марат ӕмӕ Уртаты Эльбрус ӕрныхас кодтой фыццаградон хӕстыл, ахуырадон программӕйыл, цӕмӕй дзы ирон бӕхылбадджыты фӕлтӕрддзинад рох ма уа, ууыл. Баныхас кодтой бӕзгӕ бынат ссарынӕн фӕзуӕттӕм ӕркӕсын. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сапа Цхинвал
Subscribers
6.6K
+0 24h
Reach per post (ERR)
33.3%2.2K avg views
Posting
4.5/day
last 13 hours ago
Reactions per 1K views
6.6
❤ 👍 👎
Views over time
| When | Views |
|---|---|
| 5 Oct 2026, 08:11 | 0 |
| 11 Nov 2026, 03:48 | 1.8K |
Who shared this post
Posts in other channels we index that link to this one. (Forwards with a hidden source can't be traced.)
Nobody yet.