Сапа 15

@sapa_15 · Russian · active

Subscribers 22.1K Subscribers, last 30 days: 22.1K → 22.1K +0 24h
Reach per post (ERR) 11.1%2.5K avg views
Posting 6.6/day last 4 hours ago
Reactions per 1K views 5.7 ❤ 👍 👎
repost from СапÆ

🔸 Садон... Хӕхты, диссаджы ӕрдзы ӕмӕ фидар адӕмы ӕмтад. Ам, 2000 метры бӕрзӕндыл, ӕрзӕты гуырӕнты бахсыстысты тыхджын ӕмӕ хуыздӕрмӕ тырнӕг кусджытӕ. XVIII ӕнусы дзы бельгиаг специалисттӕ цинк, зды, ӕвзист куы ссардтой, уӕд поселок рӕзын райдыдта. Фӕсарӕйнаг кусджытӕ бавнӕлдтой цӕрӕн хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ бӕстыхӕйтты арӕзтадмӕ. Архитектурӕ дзӕвгар хицӕн кодта. Зӕгъӕн ис, хӕхты астӕу сырӕзт чысыл европӕйаг хъӕу. Азтӕ цыдысты, цард дзы цӕджджинагау фыхти. О, о — ивгъуыд афоны. Уыцы бонтӕй ма абон баззадысты, кӕрдӕджы бын чи фӕци, уыцы кӕддӕры раст уынгтӕ, фӕсарӕйнаг хуызы амад бӕрзонд рудзгуытимӕ хӕдзӕрттӕ, аив балкъонтӕ... Хур ма раздӕрау ӕрбакӕсы ӕмӕ сӕрттивын кӕны рудзгуыты ӕвгтӕ, цыма йӕ раздӕры цӕрджыты йӕ тынтӕй райхъал кӕнынмӕ хъавы, уыйау. Фӕлӕ-иу хуры фыццаг тынтимӕ чи фестад, уыцы шахтертӕй дзы иу дӕр нал ис. Садон та лӕууы... Цавӕр ӕмӕ цы хуызы, уый ӕндӕр ныхас у. Фӕлӕ ныр дӕр йӕ уӕздан ӕгомыгдзинады тынг рӕсугъд у. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Views over time

01K2K13 Oct 13:4510 Nov 16:411.8K13 Oct 13:45: 0 views10 Nov 16:41: 1,820 views
Snapshots we took after posting.
WhenViews
13 Oct 2026, 13:450
10 Nov 2026, 16:411.8K

Who shared this post

Posts in other channels we index that link to this one. (Forwards with a hidden source can't be traced.)

Nobody yet.