Region15.ru

@region15_ru · news · Russian · active

Subscribers 8.7K Subscribers, last 30 days: 8.7K → 8.7K −10 24h
Reach per post (ERR) 7.9%685 avg views
Posting 13.0/day last 4 hours ago
Reactions per 1K views 3.3 ❤ 👍 🔥

🐴Æрвылаз ноябры ирон адæм бæрæг кæнынц cæйрагдæр национ бæрæгбæттæй иу – Уастырджийы Бæрæгбон. Йæ истори цæуы дард ивгъуыдмæ. Ацы аз кæд райдайдзæн, уый базыдта «15-æм Регионы» уацхæссæг. «Ацы бӕрӕгбон фӕззыгон бӕрӕгбӕттӕм хауы, йе’рвитӕн хъуамӕ зымӕгмӕ ма ахӕццӕ уа. Уыимӕ, рох кӕнын нӕ хъӕуы, 2018 азы, Иры Стыр Ныхасы хъӕппӕрисӕй Цӕгат Ирыстоны парламент ӕмӕ республикӕйы уӕды сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав кӕй сфидар кодтой сӕрмагонд закъон ацы стыр, иумӕйаг бӕрӕгбоны тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Уастырджийы кувӕн къуырийы райдиан, Къуырисӕр, вӕййы улӕфты бон. Уыцы бон иу алы бинонтӕ дӕр сӕ хӕдзары Хуыцаумӕ скуывтой, Уастырджийыл сӕхи бафӕдзӕхстой. Къуырисӕры хонгӕ нӕ кодтой. Сыхбӕстӕ иу кӕрӕдзийы хонын райдыдтой Дыццӕджы. Уымӕн сфидар кӕнын кодтам Къуырисӕр улӕфӕн бонӕй, цӕмӕй алы бинонтӕн дӕр уа фадат ӕнӕ къуылымпы, бӕстонӕй сӕ кувинӕгтӕ изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн. Закъон закъон у. Ӕххӕст ӕй кӕнын хъӕуы ӕнӕ уӕлдай радзур-бадзурӕй. Чи йӕ райста, уыдонӕй уӕлдай йӕ ивӕн никӕйы бон у. Бӕрӕгбон кӕдмӕ цӕуы, уӕд ӕй хъӕуы кӕнын — Уастырджийы мӕйы (ноябыры), фӕстаг ӕххӕст къуырийы Къуырисӕрӕй райдайгӕйӕ», — радзырдта «15-æм Регионæн» «Аланты ныхасы» Ӕгъдауы комитеты сардар Кучиты Руслан. Афтæмæй, ацы аз къуырисæры, 23 ноябры, Цæгат Ирыстоны уыдзæн фæлладуадзæн бон. @region15_ru

Views over time

010020030040010 Nov 14:1711 Nov 13:1435610 Nov 14:17: 0 views11 Nov 03:48: 291 views11 Nov 13:14: 356 views
Snapshots we took after posting.
WhenViews
10 Nov 2026, 14:170
11 Nov 2026, 03:48291
11 Nov 2026, 13:14356

Who shared this post

Posts in other channels we index that link to this one. (Forwards with a hidden source can't be traced.)

Nobody yet.