Осетия - [æ] Агрегатор новостей и мнений

@ossetiafb · news · Russian · active

Subscribers 30.9K Subscribers, last 30 days: 30.9K → 30.9K +100 24h
Reach per post (ERR) 39.6%12.2K avg views
Posting 16.9/day last 2 hours ago
Reactions per 1K views 6.1 👍 👎 🔥
repost from Wælaxiz - Сослан Дидаров

Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй закъон райсын у ахсджиаг къахдзæф æрмæст ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн нæ, фæлæ ма республикæйы культурон æмæ æмбæстагон æхсæнад сфидар кæнынæн дæр. Закъон хъуамæ баива паддзахадон æвзæгты конституцион статус хуымæтæг расидæныл, бæлвырд æмæ æххæстгæнæн æгъдаумæ, кæцы пайда кæндзыстæм æхсæнадон царды. Ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ сты республикæйы æхсæнадон фæзуаты вазыгджындæр хай. Уырыссаг æвзаг æнцондæр кæны нациты ‘хсæн бастдзинад æмæ æппæтуæрæсеон уагдæттæм бацæуын, ирон æвзаг та - адæмы историон мысынад, дунеæмбарынад, æгъдæуттæ, культурон æнæфæцудгæдзинад. Сæ æххæст æмæ æмбæлон пайда кæнын адæмы кæрæдзийы ныхмæ не ‘вæры, фæлæ аразы уавæртæ кæрæдзийы иудзинадмæ. Закъон, кæцыйы Парламент райста йæ фыццаг бакасты, нысан кæны паддзахадон æвзæгтæй пайда кæныны барадон бындур æхсæнадон хъуыддæгты - хицауады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайды, ахуырады, наукæйы, культурæйы æмæ æндæр хайæдты, хъуамæ сæ сфидар кæна. Ацы системон ахаст нын фадат дæтты æвзаджы формалон банымады тыххæй нæ, фæлæ дзы æрвылбоны царды пайда кæныны реалон фадæтты тыххæй дзурынæн.

Views over time

05K10K24 Sep 19:2510 Nov 12:129.2K24 Sep 19:25: 0 views10 Nov 12:12: 9,230 views
Snapshots we took after posting.
WhenViews
24 Sep 2026, 19:250
10 Nov 2026, 12:129.2K

Who shared this post

Posts in other channels we index that link to this one. (Forwards with a hidden source can't be traced.)

Nobody yet.