Рагон къамтæ дзурынц: Ацы къам систæуыд 100 азы размæ Лондоны конференцийы рæстæджы. Раззаг рæнхъы астæуæй лæууы Турчы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Къуындыхаты Бечырби (йæ туркаг ном Бекир Сами Кундух). Ацы къам сисынæй дыууæ азы фæстæдæр та Бечырби уыд Советон Цæдисы. Уыцы балцы рæстæджы йемæ æрхаста нæ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ. Æмæ йæ фæрцы ирон адæм базыдтой, уæдыонг адæмон зарджытæ кæй æнхъæлдтой, уыцы уацмысты авторы. Газет «Хурзæрин»-ы архивӕй... @XurZaerin